ГТРК "Алания". #ФарнOn. Мæскуыйы парк Музеоны уыд ирон культурæйы фестиваль ФАРН

ГТРК "Алания". #ФарнOn. Мæскуыйы парк Музеоны уыд ирон культурæйы фестиваль ФАРН

30.09.14

Мæскуыйы парк Музеоны уыд ирон культурæйы фестиваль «Фарн». Парчы цалдæр фæзы æвдыст цыдысты Ирыстоны культурæйы хъæздыгдзинад, йæ традицитæ. Æрбацæуджыты дисы бафтыдтой ирон фынджы бæркад, аивад, чингуытæ, хæдзары дзаумæттæ. Сæ кой æгас дунейыл кæмæн айхъуыст, уыцы хæрзад ирон чъиритæм æмæ ирон цыхтмæ та адæм рады лæууыдысты. Тынг кæй фæндыд, уыдонæн сæ бон уыд бафæлварын чъиритæ скæнын. Уæдæ ирон фæндыды цагъдмæ та йæхи ничи баурæдта. Æмæ парчы райтынг и ирон хъазтизæр.

Фестиваль арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны минæварады хъæппæрисæй. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Такъоты Сергей æмæ йæ хæдивæг Мæхъиты Зураб æрбацæуджыты зонгæ кодтой Ирыстоны ивгъуыд æмæ абоны цардимæ. Экскурси сарæзтой мæскуыйы мэры хæдивæг Леонид Печатниковæн æмæ регионты хсæн бастдзинады, национ политикæ æмæ дины бастдзинæдты департаменты разамонæг Юрий Артюхæн.

Æхсызгонæй бакастысты Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон скъолайы хъомылгæнинæгты куыстытæм, историон æрмæджытæм æмæ къамтæм, Ирыстоны рæсугъд бынæтты хуызистытæм.Изæры та уыд стыр концерт. Парчы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Ансамбльтæ «Алани» æмæ «Березка» сценæйы симд куы акафыдысты, уæд адæмы къухæмдзæгъд нал æнцади.

Зæрдиагæй бакастысты æмæ байхъуыстой Цæрикъаты Феликсмæ, Гæззаты Еленæмæ, Челдыты Вадиммæ, Амага Готтимæ æмæ иннæ ирыстойнаг зарæггæнджытæм. Концерт амыдта «Мæскуыйы æппæтæй зындгонддæр ирон лæппу» кæй хонынц, уый – Хъæрджынты Тимур. Концерты ма архайдтой Санганджи Тарбаев, Тимур Тания æмæ Арарат Кещан. Концерты фæстæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар хуыздæрты схорзæхджын кодта алыхуызон хæрзиуджытæй. Зæрдæ бавæрдта, иннæ фæззæджы та Мæскуыйы цæрджытимæ ногæй кæй фембæлдзысты, уымæй.

По материалам alaniatv.ru

[ назад ]

Смотрите так же:

 
GISMETEO:Погода по г.Москва         GISMETEO:
Погода по г.Владикавказ