15.05.15
15 мая в Осетии традиционно отмечают День осетинского языка и литературы. История этого праздника началась в 2003 году и эмоциональное значение этого события для всех любителей родного языка трудно переоценить.
Напомним исторический факт - день осетинского языка совпадает с датой выхода в свет книги великого поэта, прозаика, публициста, художника Коста Левановича Хетагурова «Ирон фæндыр».
Традиционно в республике в эти дни проходят различные выставки, встречи, семинары, творческие вечера. Так, празднование 15 мая началось с возложения цветов к памятникам классиков осетинской литературы: Коста Хетагурову, Арсену Коцоеву, Георгию Малиеву, Аксо Колиеву. Многочисленные литературные и музыкальные вечера, книжно-иллюстративные выставки - большая их часть, по сообщению организаторов, пройдет в библиотеках и музеях города.
В этот день будет произнесено много красивых слов, пожеланий, напутствий на родном языке. Noar.ru не остался в стороне от этого дорогого каждому осетину праздника и задал своим респондентам – молодым, перспективным и успешным носителям языка – четыре простых вопроса:
- Пожелания народу Осетии в связи с праздником…
- Что вы знаете об истории Дня осетинского языка и литературы?
- Поделитесь любимыми и дорогими сердцу строками из осетинского литературного произведения?
- Если представить, что осетинский язык живой, дышащий и умеющий слушать… Что бы вы сказали или пожелали?
Экономикæйы уæлдæр скъолайы студент Ахполаты Зæринæ.
- Мæ уарзон райгуырæн Ирыстон! Нæ кадджын Фыдæлтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ бахъахъæдтой нæ культурон бындур, нæ хæзна - нæ райгуырæн æвзаг! Ӕмæ абоны бæрæгбоны фæрцы Иры адæмæн, сæрмагонд та ме'мгæрттæн, æрыгон фæсивæдæн, зæгъын: ахуыр кæнут æмæ дзурут иронау! Райгуырæн æвзаг зонын тынг кадджын у! Ӕмæ уцы кады аккаг ут!
- Ацы бæрæгбоны тыххæй зонын рагæй. Ирыстоны скъолайы куы ахуыр кодтон, уæдæй. Махæн уыдис ерыс "Конкурс чтецов" кæй хуыдтой, ахæм. Лæвар та уыди Къостайы чиныг.
- Ахæм фарстайæн æдзух æрхъуыды кæнын Къостайы æмдзæвгæ Ӕфсати:
"Бирæйы фæфæнды
Райсомæй хуыссын…
Хур æркаст… нывæнды
Хохаей хохмæ тын…
Комæй коммæ хъазгæ,
Царды хос хæссы…
Цард тындзы йæ размæ…
Фсати ма хуыссы…"
Ӕмæ афтæ дарддæр. Мæ зæрдæмæ цæуы куыд аив Къоста æвдисы æрдз.
- Ирон æвзаг! Ӕнусмæ цæр! Ног фæлтæрмæ цаугæйæ дæ нысаниуæг рохгонд ма уæд, дæ сæрмагонд мидис хъахъхъæнгæйæ, ногдзинæдтæм бæрц зонгæйæ, æргом у!
Мæскуыйы паддзахон университеты студент Мамсыраты Сослан.
- Мæ уарзон Ирыстон! Арфæ дын кæнын ацы цины æмæ ахсджиаг бæрæгбонимæ - Ирон æвзаджы бонимæ! Мадæлон æвзаг æрмæст дзурыны фæраз нæу. Уый у нæ фыццаг ныхас æмæ мады рæвдыд, нæ фыццаг уæлахиз æмæ уарзт. Ирон æвзаг у нæ бындур, нæ хъару æмæ сæрыстырдзинад. Уый фæрцы нæ сæр бæрзæндты хæссæм æмæ сæрыстырæй кæсæм фидæнмæ!
- Ацы бæрæгбон бæрæг кæнæм Хетæгкаты Къостайы «Ирон Фандыр» 1899 азы мыхуыры куы рацыд, уыцы бон.
- Не'взаг у хъаздыг, рæсугъд æмæ ацы бæрæгбон у Мадæлон æвзаджы рæсугъд зæлтæм байхъуысыны æфсон, йæ хæс та у ног рæзгæ фæлтæрмæ æвзагмæ уарзондзинад фæфылдæр кæнын, цæмæй нæ сабитæ ирон æвзаг сæ мады æхсыримæ банкъарой, фыццаг авдæны зарджытæ æмæ аргъæутимæ. - Мæ мадæлон æвзаг, мæ зæрдæ дын зæгъы рæзын æмæ парахат кæнын. Мах та ууыл архайдзыстæм! Бирæ дæ уарзæм!!!
Биотехнолог Атайты Зæринæ.
- Ацы бон ирон адæм нысан кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Ӕмæ цын уый фæдыл арфæ кæнын. Рох æмæ сæфт куыд нæ уа нæ мадæлон æвзаг – уый мæ фæнды зæгъын нæ æрыгон фæсивæдæн.
- Ацы бæрæгбоны равзæрдыл цæуы 12 азы æмæ баст æрцыди Къоостайы чиныг «Ирон фæндыр» рацыдимæ.
- «Ныббар мын кæд иу дæм ма зараг кæуæгау фæкæса мыййаг. Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, уый зарæд йахи фæндиаг…» Къостайы Ныстыуан – цы ма вæййы рæсугъддар?
- Фыдæлтæй нын баззадттæ ирон æгъдау æмæ фарнимæ... Дау бахъахъхъæнын у не'стырдар хæс.
Ӕрыгон нывгæнæг Бесолты Зæмирæ.
- Ацы бæрæгбоны хорзæх уæд нæ Ирыстоны. Мæ зæрдæ зæгъы Иры адæмæн ацы бон, цæмай уарзой сæ кæрæдзийы æмæ дзурой мадæлон æвзагыл.
- Ацы барагбон æрвитынц Ирыстоны 2003 азæй. Алы аз æй бараг канынц Иры адæм. Уæлдай дæр та Иры скъолодзаутæ.
- «Хæрзбон, хæрзбон, мæ цард мæ суры,
Фæрыст мæ зæрдæ ’мæ цæуын...
Фæстаг хатт абон æз уæ цуры
Лæууын, мæ хæхтæ, ’мæ кæуын». Илас Ӕрнигон «Хæрзбон».
- Ирон æвзагæн мæ зæрдæ загъы, цæмæй йæ уарзой Иры адæм æмæ йæ пайдаганджытæ алы бон фылдæрæй фылдæр куыд кæной
Ирыстоны паддзахон медицинон академийы студент Кусаты Еленæ.
- Ирон æвзаг арфæйаг уæд æмæ цæрæд æнустæм. ЮНЭСКО бахаста ирон æвзаг сæфты къахыл цы æвзæгтæ лæууы, уыдоны рæнхъмæ. Йæ хъысмæт æрмæстдæр у нæхицæй аразгæ æмæ нæ къухы бафтæд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Ирон æвзагæн йæ бæрæгбон у 15 майы æмæ чидæриддæр дзуры иронау, уыдоны бæрæгбоны хорзæх уæд!
Аз иу бон гыццыл у ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ, мах хъуамæ алы бон дæр хъуыды кæнæм не'взагыл. «Адæмæн се'взаг куы амæла, уæд уыцы адæмыхатт бынысæфт фæуыдзысты». Хуыцау бахизæд уыцы бæллæхæй ирон адæмы æмæ ирон æвзаджы. Дзурут иронау хæдзары, рæвдауæндоны, скъолайы, уынджы.
- Ирон æвзагæн алы бон дæр хъуамæ уа бæрæгбон! Уыцы æвзагыл дзырдта нæхи Къоста, уæздан Васо, хъабатыр Исса æмæ бирæ зыгдгонд ирæттæ. 15 мæйы у бæрæгбон алы ирон хæдзарæн, сыхæн, уынгæн, комæн, дзыллæйæн.
- «Ирон æвзаг , кæд амæлынмæ хъавыс , фæлтау мæлынмæ абон æз цæдтæ». «Ирон æвзагыл дзур, хуыздæр дæ тавдзæн уæд хур».
- Арфæйаг у ма уарзон Ирыстон æмæ мæ уарзон ирон адæм! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
Цæгат Ирыстоны паддзахон университеты кусæг Хадашты Сабирæ.
- Арфæ кæнын Ирыстоны цæрджытæн ирон æвзаджы бæрæгбоны фæдыл. Алы адæмыхаттæн дæр мадæлон æвзаг у, йæ националон культурæйы ирддæр тæмæн, монон бынты райрæзты æмæ бахъахъхъæныны фидардæр хотых.
- Æрвылаз 15 майы нæ республикæ бæрæг кæны Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Бæрæгбоны равзæрд баст у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы рацыдима, кацы рухс федтёа 1899 азы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон паддзахадон æмвæзыл фыццаг хатт бæрæггонд æрцыд 2003 азы. Ныртæккæйы рæстæг ацы бæрæгбоны фæдыл арæзт æрцæуынц наукон форумтæ, поэтикон изæртæ, аивадон хæдархайды æркастытæ, концертон программæтæ æмæ бирæ æндæр алыхуызон культурон мадзæлттæ.
- Мæ зынаргъ ирон æвзаг! Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй афæдзæй афæдзмæ дæ кад уæлдæр куыд кæна, дæ фарнæй хайджын чи у, уыдон дæ кæддæриддæр сæ зæрдыл куыд дарой, дæ рæсугъддзинад æмæ дæ намысæн та аргъ куыд кæной. Иу фæлтæрæй иннæ фæлтæрмæ иуыл зынаргъдæр хæзнайау лæвæрд дæ куыд цæуай. Ирон æвзаг цæхæртæ кал! Ды махæн дæ нæ ныфс æмæ дæ стæм сæрыстыр!
Дохтыр Кудзойты Кермен.
- Ирон-дигорон æвзаг берæ æвзæгти раертæсунæн дæгъæл æй, æма æй багъæуай кæнæн!
- Берæ ибæл дзорæн, кæнгæ ба, зæгъун æнгъезуй неци æ багъæуайбæл.
- «Дзухгин – бæхги» (æмбесонд). Æма не'взаги фæрци «бæхгин» куд уæн, еци хъаурæ нæмæ уæд!
«Æстор дæр ма æхе æргъау хуæздæр хонуй кедæр гъомтæй», Къоста.
- Мах дæр гъæуама нæхе æвзагæн хуæздæр аргъ кæнæн, æма уæ сувæллæнтæй «зомби мæ роботтæ» ма кæнтæ. Дзоретæ сæмæ нæхе æвзагæй.
Журналист Коцойты Дзерассæ.
- Нæ райгырæн Ирыстоны æппæт цæрджытæн арфæ кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны фæдыл. Уарзут æмæ зонут уе' взаг! Не' взагыл куы нал дзурæм, уæд амæлдзæн, йемæ амæлдзæн ирон адæмыхатт дæр!
Не' взаг у нæ диссаджы хæзна, æмæ йæ хъуамæ бахъахъхъæнæм!
- 2003 азы фыццаг хатт снысан кодтой ацы рæсугъд бæрæгбон, 15 май та уымæн равзæрстой, æмæ раст 15 майы 1899 азы мыхуыры рацыд Къостайы «Ирон фæндыр» - ирон адæмы сæрыстырдзинады хос.
- Къостайы æмдзæвгæ «Ракæс» кæд 19-м æнусы фыст уыд, уæддæр абон дæр ма у актуалон!
Нарты каджытæ хъуамæ зона алкæцы ирон адæймаг дæр: «Нарты æмбырд, кæнæ нартæй хуыздæр чи у», «Нарты симд»…
Зындгонд уырыссаг классик К.Г. Паустовский афтæ загъта: Йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ цы адæймаг у, уый у хъæддаг! (Человек, равнодушный к родному языку,— дикарь).
Йæ мадæлон æвзаг æмæ традицитæ чи нæ уарзы æмæ зоны, уый никуы базондзæн æмæ бамбардзæн æндæр адæмы æвзаг æмæ традицитæ.
- Бирæ нын цæр, нæ уарзон, нæ рæсугъд мадæлон ирон æвзаг!
[ назад ]